Андиаты Сосланы номарæн ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй райдыдтой Дзæуджыхъæуы
Андиаты Сосланы номарæн ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй райдыдтой Дзæуджыхъæуы. Ацы спорты историйы ирддæр богæлттæй иу, Олимпаг хъæзтыты фыццаг дыууæ хатты чемпион Цæгат Ирыстоны, дунейы 4 хатты чемпион æмæ Советон Цæдисы бирæ хатт чемпион. {ЗК} Спортивон мадзал кадджын уавæры байгом кодтой зындгонд богалы райгуырæн боны. Æрвылаз ерысты ацархайын кæй фæнды, уыцы фæсивæды нымæц фылдæрæй фылдæр кæны. Уыдон сты æвзонг фæсивæд æгас республикæйæ. Гауызыл равдисынц сæ хъару æмæ цæттæдзинад, фæнды сæ фыццæгтæ суæвын кæй æнтыстдзинæдтæм бæллынц, уыцы Андиаты Сосланы хуызон. Цымыдисаг ныхмæлæудтытæ æмæ æгæрон æнкъарæнтæ. Андийы фырты номыл олимпаг резервы скъолайы фæсивæд ерыстæм сæхи цæттæ кодтой бындуронæй. Фæндыдис сæ сæ хъару æмæ цæттæдзинад равдисын. Ерыстæ цæуынц асы дыууæ категоримæ гæсгæ. Алы командæйы дæр ис 12 лæппуйы. Андиаты Сослан республикæйы спорты райрæзтмæ цы æвæрæн бахаста, уымæн аргъ скæнæн нæй. Йæ номыл турнир саразыныл архайдтой йæ бинонтæ, хъомылгæнинæгтæ æмæ йе 'мбæлттæ. Турнир арæзт æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы бонмæ "Физкультурæ æмæ спорты рарæзт"-ы паддзахадон программæйы фæлгæты. Хуыздæр спортсменты схорзæхджын кæндзысты кубоктæ, майдантæ æмæ кады гæххæттытæй.