Мадæлон æвзаджы бон расидтысты йæ 1999-æм азы
Мадæлон æвзаджы бон расидтысты йæ 1999-æм азы. Ирон æвзаг парахат кæныныл чи архайы, фыдæлты æгъдæуттæ чи хъахъхъæны, уыдоны хсæн сты турчы цæрæг кавказаг адæмтæ. Æнæ фыссынад абоны онг сæ æвзаг нæ ферох кодтой. Цориты Эмине райгуырд æмæ схъомыл Германийы. Йæ фыдæлтæ сты Лескенæй рацæуæг. Хуыздæр цард агур алыгъдысты Туркмæ. Чызг сабийæ фæстæмæ хъуыста ирон æвзаг. Бинонтæ хæдзары дзурынц æрмæст мадæлон æвзагыл. Æвзонг чызг ууыл не рлæууыд. Æвзаг райдыдта арфдæр ахуыр кæнын. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Цалдæр азы размæ та бахъахъхъæдта диссертацион куыст. Йæ темæ "Концепция определенности в осетинском языке". Куыста йыл 4 азы. Ныртæккæ Эмине дзуры 4 æвзагыл. Туркаг, немыцаг, англисаг æмæ ирон. Фидæнмæ йæм ис бирæ фæндтæ.